Цæгат Корей
Корейы Адæмон Демократон Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
조선민주주의인민공화국 | |||||
| |||||
Цæгат Корейы паддзахадон гимн | |||||
Официалон æвзаг | корейаг | ||||
Сæйраг сахар | Пхеньян | ||||
Стырдæр сахартæ | Пхеньян | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Коммунистон диктатурæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 120 540 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,1 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | ▲ 24 720 407 ад. | ||||
• Æнгомад | 198,3 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 30,88 млрд. долл. | ||||
Валютæ | вонæ | ||||
Интернет-домен | нæй (.kp — резервгонд) | ||||
Код ISO | KP | ||||
ÆОК-ы код | PRK | ||||
Телефонон код | +850 | ||||
Сахатон таг | +8:30 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Корейы Адæмон-Демократон Республикæ[1] (КАДР, кор. 조선민주주의인민공화국 — Chosŏn Minjujuŭi Inmin Konghwaguk), Цæгат Корей дæр æй хонынц, у социалистон паддзахад Азийы. Цæрынц дзы 22 милуан адæймагæй фылдæр. Цæгат Корейы сæйраг сахар у Пхеньян.
КАДР-ы æфсад — Корейы Адæмон æфсад — у Ази æмæ дунейы тыхджындæр æфсæдтæй иу. Лæггад дзы кæнынц 1 115 адæймаджы (2006-æм азы), уымæй у дунейы фæндзæм стырдæр æфсад.
Истори
[ивын | Бындур ивын]XX æнусы райдианæй 1945-æм азмæ Корей æнæхъæнæй уыдис Японы дæлбар. Дыккаг дунеон хæст куы ахицæн, Корейы цæгаты ныллæуыдысты советон æфсæддонтæ, хуссары та — америкæгтæ. Америкæйы æфсад ныр дæр лæууы хуссары, Советон Цæдисы æфсад та ацыдис 1949-æм азы. Бæстæ дихгондæй баззадис.
1951-1953 азты Корейы цыдис æвирхъау «мидхæст». Æцæг мидхæст нæ уыд, уымæн æмæ Хуссар Корейæн стыр æххуыс кодтой АИШ æмæ æндæр капиталистон дунейы паддзахæдтæ (афтæ хуынд «Иугонд Нациты Организацийы тыхтæ»), Цæгат Корей дæр иунæгæй нæ баззадис знæгты раз — уымæн стыр æххуыс цыдис Китай (суанг гæрзифтонг тыхтæй) æмæ Советон Цæдисæй.
2002-æм азы фæстæ КАДР-ы цæуынц экономикон реформæтæ.
Интернет
[ивын | Бындур ивын]КАДР-ы цæрджытæн Интернетæй пайда кæнæн нæй, фæлæ уыцы паддзахады ис хицæн компьютерон хыз Кванмён.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ (Бакуыстой сыл Гыриаты Т., Тахъазты X., Гæбæраты Н., Дзодзыккаты 3., Боцуаты Е., Майрæмыхъуаты Ф., Куыдзойты А.) — Дзæуджыхъæу: Ир, 2004 — 80 с.